Царды фæндæгты бирæ фæзилæнтæ ис. Уыдон хаттæй-хатт рауайынц гуыргъахъхъ æмæ тæссаг. Лæг æй рагацау нæ фæзоны, цы йæм кæсы фидæны, уый. Цæмæй зыдтой 1930-æм азты фæсивæд, цы карз фæлварæн сын снысан кодта Хуыцау, æмæ сæ цы стыр лæгдзинад равдисын бахъæудзæн, уыцы фæндагыл сæрыстырæй кæронмæ ацæуынæн.
Мæ фыд, Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг Кучиты Алыксандр райгуырдис Тибы, фæстæдæр, 1920-æм азты, ралыгъдысты Къостайыхъæумæ. Ноггуырд ма уыдис, афтæмæй амарди йæ мад Суанон. Сæ фыд Максийы бахъуыд иунæгæй æхсæз сывæллоны хæссын. Фæлæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та — рæхуыст. Иу фæззыгон æхсæв ын мæхъæлы абырджытæ йæ бæх адавтой. Уæды заман-иу арæх уыдысты ахæм фыдракæндтæ. Къостайыхъæуы кæронæй цардысты, Теркмæ хæстæг, æмæ сæм фыдгæнджытæ дæр уый тыххæй бахъавыдысты. Бæх афардæг кодтой Терчы сæрты, Зилгæйы быдыртыл. Уæдæй фæстæмæ мæгуыр лæг скъæты æхсæвиуат кæнын райдыдта, тарстис, йæ бинонты ‘фсадæг, йæ хъуг дæр ын куы адавой, уымæй. Мæгуыр лæг фæззыгон уазал æхсæв йæ рæуджытæй фæрынчын æмæ бирæ нал ахаста. Цардæй ахицæн, мæ фыдыл авд азы куы цыди, уæд. Цæвиттон, лæппу рæзыдис зыбыты сидзæрæй, æххормаг æмæ мæгуыр заман. Фæлæ уыцы рæстæджы хиуæттæ, сыхбæстæ мæгуырæй цæргæйæ дæр кæрæдзиуыл æнувыддæр уыдысты, тæригъæд зыдтой.
Раджы бамбæрста цардбæллон лæппу, йæ фидæн æрмæстдæр йæхицæй аразгæ кæй у, уый. Йæ зæрдыл бадардта, йæ фыд ын йæ мæлæты размæ цы ныффæдзæхста, уый: «Хъусыс, лæппу, цæрынхъом суыдзынæ, æрмæстдæр куы базонай фыдæбон кæнын, уæд. Сахуыр кæн, райс хорз дæсныйад, æмæ уый фæрцы дæ къæхтыл слæудзынæ». Æмæ Алыксандр дæр ахуыр кодта зæрдæргъæвдæй, рухсмæ тырнгæйæ. Хъæуы скъолайы, Дзæуджыхъæуы рабфачы, педагогон институты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæды заман кæд тызмæг æмæ мæгуыр уыд, уæддæр Советон паддзахад адæмыл аудыдта, æххуыс кодта, царды размæ чи тырныдта, уыдонæн. Æнæ уымæй кæм бантыстаид мæгуыр сидзæр лæппуйæн ахуыргæнæг суæвын.
1939 азы Алыксандр каст фæцис институты физикон-математикон факультет, æмæ йæ кусынмæ арвыстой мæхъæлон хъæу Насыркорты скъоламæ. Йæ куыстмæ бæрнон цæстæй кастис, стæй адæмы раз йæхи уæзданæй æвдыста, æмæ йын хъæуы цæрджытæ стыр аргъ кодтой. Фæлæ æрыгон лæппуйæн йæ паддзахадон хæс бафидыны афон æрцыд, æмæ иу азы фæстæ барвæндонæй ацыд Сырх Æфсадмæ. Акодтой йæ Белоруссимæ, тæккæ арæнмæ хæстæг, горæт Брест-Литовскмæ. Уым ыл сæмбæлдис 1941 азы 22 июны хæсты хабар.
Ныр ацы ран мæ мысинæгты чысыл фæстæмæ раздæхон. Тибы ма куы цардысты Кучитæ, уæд гыццыл лæппу тынг бамбал ис йе ‘мгар, йæ хистæр хо Катяйы бинонты кæстæртæй иу, Челдыты Ильяимæ. Уыдон цардысты Тибмæ хæстæг хъæу Згъилы, фæстæдæр та ралыгъдысты Алагирмæ. Лæппутæ рæзыдысты, цыдысты кæрæдзимæ, иумæ-иу хъазыдысты. Афтæмæй сабыргай баисты æнгом лымæнтæ, раст кæнгæ æфсымæрты хуызæн, уæлдайдæр та, Дзæуджыхъæуы иу институты ахуыр кæнын куы райдыдтой, уæд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Ильяйы уыцы ахуырмæ дæр сразæнгард кодта Алыксандр. Уый мæхъæлмæ кусынмæ куы арвыстой, уæд уыцы рæстæг Илья та райдыдта кусын Алагиры скъолайы кæстæр кълæсты ахуыргæнæгæй, æмæ лæппутæ иуцасдæр фæхицæн сты. Уæд адæммæ нырыккон дзыппыдаргæ телефонтæ нæ уыди, иу ранæй иннæмæ дæр фылдæр бæхтыл цыдысты. Цæвиттон, мæ фыд æфсадмæ куы ацыд, уæдæй фæстæмæ йæм йæ кæнгæ æфсымæр Ильяйæ ницыуал хабар уыд, нæ зыдта, кæм ис æмæ цы кусы.
Æрбахæстæг ис 1941 азы сæрд. Алыксандр-иу куыд дзырдта, афтæмæй уыдтой, арæны фале немыц сæхи рæвдзытæ кæнынц, сæхи ‘хсæн дзырдтой, хæст райдайынмæ бирæ кæй нал ис. Мæ фыд уыдис хуымæтæг фистæгæфсæддон, автоматчик. Уæлдæр ахуырад æм кæй уыдис, уый тыххæй йæ афицерты ахуыртæм арвитынмæ хъавыдысты, фæлæ уæдмæ хæст райдыдта. Хабар сæ æрæййæфта быдирон ахуырты, æмæ уырдыгæй сæрдыгон тæвд бон фæдисы цыд фистæгæй ракодтой сæ æфсæддон хаймæ. Иу ран иннæ æфсæддон хайы салдæттимæ баиу сты, сæ фæллад уадзынмæ куы æрбадтысты, уæд. Уалынмæ Алыксандрæн, тамако дымгæйæ, æнæнхъæлæджы йæ хъустыл ауад цавæрдæр зонгæ хъæлæс. Командир хъæрæй сидтис йæ дæлбар æфсæддонтæм. Лæппуйæн йæ буар уылынгтæ абадтис, — афтæ æхсызгон æмæ зæрдæмæ хæстæг уыдысты уыцы ныхæсты мыртæ. Фæгæпп кодта йæ бынатæй æмæ атындзыдта, хъæлæс кæцæй хъуысти, уыцырдæм. Æмæ дын мæнæ диссаг! Йæ разы — Челдыты Илья лейтенанты дарæсы, команда кæны йæ взводæн. Фырдисæй иу уысм æдзæмæй алæууыдысты дыууæ ироны, стæй ныхъхъæбыс кодтой кæрæдзийæн. «Куыд? Кæцæй? Кæм дæ?» Куыд рабæрæг, афтæмæй Ильяйы æфсадмæ акодтой Алагирæй, æмæ йæ служба кæнынмæ снысан кодтой Бресты фидармæ.
Цалдæр минуты ахаста сæ адджын ныхас. Ныфсытæ бавæрдтой кæрæдзийæн, ныр зондзыстæм, кæцы рæтты стæм, уый, æмæ фæстæдæр бæстондæр аныхас кæндзыстæм, зæгъгæ. Цæмæй йæ æмбæрстой уæд, цы карз, цы æгъатыр мæлæтдзаг хæст райдыдта, цы хъизæмар æмæ стыр фыдбылызтæ æрхæсдзæн нæ адæмæн. Уый уыдис кæнгæ æфсымæртæн сæ фæстаг фембæлд. Лейтенант Челдыты Илья æбæрæгæй фесæфт Бресты фидары хъæбатыр хъахъхъæнджытимæ. Ирон лæджы ном æмæ кад нæ фæчъизи кодта, кæронмæ сæ фæхаста.
Алыксандр та ма хæцыдис дарддæр знаджы ныхмæ æмæ хæстоны зындзинæдтæй дзаг хъысмæт æххæстæй бавзæрста. Фæстæдæр ын знаджы сармадзаны нæмыджы схъис йæ фад ныппырх кодта, æмæ йæ, госпитæлты фæрахау-бахау кæныны фæстæ, 1943 азы дыууæ лæдзæджы æнцой рарвыстой Ирыстонмæ. Уыцы рæстæг нæлгоймæгтæ зæрæдтæ æмæ сывæллæттæй фæстæмæ иууылдæр уыдысты хæсты быдыры. Кусæг нæ фаг кодта, æмæ мæ фыдмæ Къостайыхъæуы скъолайæ фæдзырдтой, уым райдыдта кусын ахуыргæнæгæй. 1949 азы бинонты хъуыддаг бакодта, æмæ уыцы аз ралыгъдысты Алагирмæ. Кæд къахы фадæн йæ растæмбис нал уыд, уæддæр хъæдгом сындæггай байгас, лæг æнæ лæдзæгæй цæуын райдыдта. Алагиры 2-æм, стæй та 3-æм скъолайы фæкуыста йæ царды фæстаг бонмæ. Йæ къухæй бирæ зындгонд, кадджын æмæ ахуыргонд адæм рацыд. Уыдон ын абон дæр æрымысынц йæ ном. Йæ куыст хорзæхгонд æрцыд Сырх Тырысайы орденæй, Адæмон ахуырады отличникы нысанæй, Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæджы номæй æмæ цалдæр майданæй.
Нæ фыд арæх мысыд йæ æдзард æрдхорды, фыста кæдæмдæрты, цы фæцис æмæ кæм ныгæд ис, уый базонынæн. Фæлæ дзы ницы бацис йæ бон сбæрæг кæнын. Йæхæдæг 1983 азы æнæнхъæлæджы ахицæн ацы дунейæ. Интернет куы фæзынд, уæд æз дæр, уымæй пайдагæнгæйæ, райдыдтон агурын Ильяйы фæд. Сбæрæг, Бресты фидарæн йæхи мидæг хъæбатырæй кæй фæмард, уый.
Адард ис уыцы стыр хæст, ныр ацы аз бæрæг кæндзыстæм Уæлахизы 75 азы. Стæмтæ ма баззадис нæ хъайтар хæстонтæй, æмæ се’ппæт дæр сæ бинонты фæндиаг Хуыцауы уазæг уæнт. Хъуамæ сыл аудæм нæ мыггæгты, сыхбæстæты, æхсæнады мидæг. Уыимæ махæй, стæй, нæ кæстæртæй дæр хъуамæ рох ма уой, хæсты быдыры адæмы сæраппонд йæ цард чи радта, стæй карз тохы йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, уыцы гуыргъахъхъ царды фæндæгтæ чи бавзæрста, уыцы зынгхуыст хæстонты нæмттæ. Рухс дзæнæты бадæнт.