Нæ Ирыстоны цæрджыты Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны хорзæх уæд!

Фæндагыл цæугæйæ йыл нæхи бафæдзæхсæм, æмæ иу кæддæриддæр, зæрдиагæй скувгæйæ, рæствæндаг куыд фæуæм, ахæм арфæ нæ уæд!

Уастырджи Хетæгæн зын уавæры цы æххуыс бакодта, уыцы æххуыс æгас Иры дзæллæйæн æмæ немæ хæларæй цæрæг адæмтæн дæр ацы тыхс заман куыд кæна, уыцы хорзæх нæ уæд!

Уæ кæстæртæ йе уазæг! Уастырджи сын царды раст фæндаг амонæд æмæ сæ фыдбылызæй хизæд!

Бæлццон уæ кæмæ ис, уый йæ тагъд рæстæджы дзæбæхæй йæ хæдзары куыд фена, уыцы ахъаз уын бакæнæд!
Уе’ппæт дæр Тымбыл Хъæды Дзуары хорзæхæй хайджын ут!