Цæгат Ирыстоны депутат «Иумæйаг Уæрæсе»-йы фракцийæ Уататы Зелим баздæхт Ирыстоны цæрджытæм коронавирус парахаткæнынады тасимæ баст гæрæнтæн быхсыны тыххæй.

«Мæнмæ ацы хабæрттæ кæсынц тынг æвзæр. Ирон адæм никуы амбырд кодтой уынгты ама уынгты фарстатæ нæ хынцтой. Кæд нæхи Алантæ хонæм уæд уыдон сæхи куыд дардтой, мах дæр хъуамæ афтæ нæхи дарæм æмæ нæхи бахъахъхъæнæм, нæ хистæрты бахъахъхъæнæм, нæ кæрæдзимæ куы нæ ркæсæм, уæд нæ хистæрты дæр, стæй нæхи дæр тынг æвзæр бынатмæ тæрæм. Уæ хорзæхæй байхъусæм кæрæдзимæ. Бузныг, Ирыстон сабыр уæд», – фæбæрæг кодта Уататы Зелим.

15-Й РЕГИОН