Ӕгъдау бирӕ нуазын нӕ домы

А фӕстаг рӕстӕг арӕх хъусӕм ныхас карз нозты ныхмӕ. Фӕсивӕд дӕр рагӕй дзурынц, домынц, фӕлӕ сӕм хистӕрты ‘рдыгӕй фаг хъусдард нӕ вӕййы.

Ис, цымӕ, бынтондӕр айсӕн карз нозт нӕ фынгтӕй? Мӕхӕдӕг нуазын гыццыл ӕмӕ стӕм хатт, арӕхдӕр – хистӕры ӕгъдау мыл ӕвӕрд куы вӕййы, уӕд. Фӕлӕ мӕм ныры уавӕрты карз нозтӕй ирон фынг бынтон суӕгъд кӕнын, гӕнӕн цӕмӕн ис, ахӕм хъуыддаг нӕ кӕсы. Стӕй ма арфдӕр ахъуыды кӕнӕм, нозты аххос у, ӕви йӕ ӕнӕфсисӕй чи нуазы, уыдоны?

Бирӕтӕ фӕзӕгьынц: “Бӕрцӕй нуазын хъӕуы”. Уый раст у, фӕлӕ бӕрц цы у, стӕй алкӕмӕн иухуызон у?

Мӕнмӕ гӕсгӕ бӕрц у Ӕгъдау. Ӕгъдауыл куы фӕбадай кӕрӕй кӕронмӕ, уӕд расыгӕй никуы сыстдзынӕ. Уыцы худинаджы уавӕрмӕ нӕ ӕркӕны ӕнӕгъдаудзинад, уӕлдай митӕ, кӕйдӕрты лӕмӕгь удыгъӕд.

Цӕм разыны цины хъуыддӕгты уыцы ӕнӕгъдаудзинад, уый фӕдыл мӕм ис фидар хъуыдытӕ.

Цӕхгӕр ӕнӕгъдаудзинад у:

– Нозтӕй искӕмӕ хатын, тых кӕнын ӕмӕ уымӕй лӕджы ӕфхӕрын;

– карз нозтӕй ерыс кӕнын, чи кӕй ахауын кӕндзӕн, уымӕй сӕрыстыр уӕвын;

– фынгыл хистӕры ӕвастӕй искӕмӕ нуазӕнтӕ дӕттын ӕмӕ ‘рвитын;

– искӕйы агуывзӕмӕ цӕст дарын, цы ӕмӕ цас нуазы, ууыл дзурын;

– хистӕры куывдтӕ, сидтыты ‘хсӕнмӕхсӕнты хи хъӕппӕрисӕй нуазын;

– 3-7 агуывзӕйы иумӕ нуазын кӕм хъӕуы, ахӕм сидтытӕ фыдӕлты ӕгъдауыл бӕттын;

– карз нозт дынджыр агуывзӕтӕй, стыр сыкъатӕй нуазын ӕмӕ нуазын кӕнын;

– уазджыты размӕ карз нозт ӕмӕ кувинаг уӕливыхтӕ хӕссын;

– карз нозтӕй Хуыцаумӕ, зӕдтӕм дауджытӕм кувын, Дзуары бынмӕ йӕ хӕссын.

Адӕттӕ нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, сӕрмӕ сӕ куы нӕ хӕссӕм ӕмӕ сӕ кӕнын куы нӕ уадзӕм, уӕд нӕм уыдзӕнис бӕрц дӕр ӕмӕ Ӕгъдау дӕр.

Уӕд ӕгӕр нуазыны фарста фидӕны йӕхӕдӕг ахаудзӕн. Ууыл дызӕрдыг ӕппындӕр нӕ кӕнын.