Ирыстоны æрхæццæ кæны кадджындæр национ бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба. Фæбæрæг кæнынц æй къуырийы дæргъы канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ æппæт дунейы цæрæг ирон адæм дæр.
Хистæртæ скувынц Хуыцау æмæ Лæгты Дзуармæ. Адӕм курдзысты æнæниздзинад, бæркад æмæ фарн, бæлццæттæн та – рæсугъд фæндæгтæ.
Кучиты Русланы ныхæстæм гæсгæ, фыдæлтæй нын цы æгъдау баззад, уымӕ кӕстӕрты ӕмхиц кӕнын хъӕуы.