Алы адӕймагӕн дӕр йӕ райгуырдӕй лӕвӕрд ис мадӕлон ӕвзаг. Ӕнустӕм ӕй бахъахъхъӕнын у нӕ алкӕй хӕс дӕр. Ахӕм вазыгджын хъуыддаг йӕхимӕ райста журнал «Мах Дуджы» сфӕлдыстадон къорд дӕр.
Ацы аз журнал бӕрӕг кӕндзӕн йӕ нӕуӕдз азы юбилей. Куыд цӕры абон сфӕлдыстадон къорд, цы хӕстӕ ӕвӕры йӕ размӕ – уыцы фарстатыл ныхас кӕнӕм журналы сӕргълӕууӕг Хетӕгкаты Оксанӕимӕ.