Турчы сарæзтой Кавказы адæмты фестиваль. Ирыстоны культурæимæ бæстæйы цæрджыты базонгæ кодтой æхсæнад «Алан»-ы минæвæрттæ. «15-æм Регионы» уацхæссæгæн йæ сæргълӕууӕг Хъуысаты Садреттин куыд радзырдта, афтæмæй фестивалмæ cæхи дæргъвæтин рæстæг цæттæ кодтой. Фæндыд сæ ирон адæмы культурæ бæрзонд æмвæзадыл равдисын.
«Дæс æмæ ссæдз кавказаг æхсæнады ис Стамбулы. Дæс æмæ ссæдз æхсæнады æрымбырд стæм фестивалмæ, иумæ бацархайдтам. Раст зæгъын хъæуы, бирæ бацархайдтам ацы хъуыддаджы фæдыл – иу мæй æмæ ‘рдæг-дыууæ мæйы, мах дæр иннæтæй фæстæмæ ма баззайæм, зæгъгæ», – загъта Хъуысаты Садреттин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ сын стыр æххуыс бакодта Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Годжыцаты Изольдæ. Хъуыстгонд нывгæнæг-модельер Турчы цæрæг ирæтты æхсæнадæн балæвар кодта сылгоймæгты, нæлгоймæгты æмæ сывæллæтты уæлæдарæс, ирон хæдæттæ. Сæ бон сæ фенын уыд фестивалы архайджытæн æмæ уазджытæн.
Уымæй уæлдай ма сын равдыстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Каджаты Вадимы куыстытæ. Ирон адæмон зарджытæй аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта къорд «Рагон». Хъуысаты Хайри та фестивалы уазджытæн радзырдта йæ чиныг «Алайнаг историйы сæдæ фарсты» тыххæй.
Хъуысаты Садреттины ныхæстæм гæсгæ, нæ культурæйæн стыр аргъ скодта фестиваль цы горæты сарæзтой, уый разамонæг æмæ тынг разыйæ баззад ирон адæмы лæварæй.
«Горæты хицау уырдæм (фестивлмæ – ред. фипп.) æрцыди, адæм æрымбырд сты æмæ фæныхас кодта, раарфæ нын кодта, цас бæрзонд культурæ уын ис, уый хатт ма бамбæрстон, зæгъгæ. Æмæ йын Изольдæ ирон уæлæдарæсы кукла балæвар кодта. Иннæ кавказаг адæмтæ дæр цыдæртæ балæвар кодтой. Рацыдыстæм нæхи къабинетмæ, йæ хæдивджытæй чидæр æрбацыди æмæ, дам, горæты хицау сымах лæварыл тынг баввæрсыди, зæгъгæ», – радзырдта Хъуысаты Садреттин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты разамонæгмæ уыцы кукла чидæр федта æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Бафæндыд æй йæ сывæллоны ахæм куклайæ барæвдауын. Æхсæнад «Алан»-ы минæвæрттæ йын дзырд радтой, Ирыстонæй йын æй йæ кæй æрбарвитын кæндзысты, уымæй.
Бафиппайын хъæуы, фæсарæйнаг ирон æхсæнадтæй Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан» æппæтæй зæронддæр кæй у, уый. Ацы аз ыл æххæст кæны 35 азы. Йæ хæс у ирон культурæ, æгъдау æмæ æвзаг бахъахъхъæнын.
Комментарии