21-æм февралы бæрæг кæнынц мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон. Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи  æвзаг æмæ у сæ хæзна.

Æппынæдзух хъусæм, ирон æвзаг сæфтмæ цæуы, зæгъгæ. Йæ хъысмæт фыццаджыдæр аразгæ у махæй. Йæ фидæн та ис рæзгæ фæлтæры къухы, уымæ гæсгæ сабиты мадæлон æвзагмæ æмхиц кæнынц у уæлдай ахсджиаг.

Ууыл удуæлдайæ архайы Хуырымты Дианæ- Алайнаг гимназы ахуыргæнæг.