Æрбахаццæ кæны не стырдæр бæрæгбæттæй иу – Уастырджийы кувæн къуыри (Джеоргуыба). Куыд зонут афтæмæй, 2019 азæй фæстæмæ Иры Стыр Ныхасы хъæппæрисæй, стæй республикæйы Парламенты закъон æмæ Республикæйы Сæргълæууæджы бадзырдæй, ноябыры мæйы фæстаг æххæст къуырийæн йæ Къуырисæр у улæфæн, æнæкусгæ бон. Уыцы бон алы бинонтæ дæр хæдзары скæнынц æртæ кæрдзыны, скувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ, бинонты сыл бафæдзæхсынц. Цæмæй къуырисæры куысты фарстатыл ма тыхсæм, бæрæгбонмæ фæскуыст тагъд-тагъдæй ма цæттæ кæнæм, уый тыххæй æрцыд паддзахадон закъонæй фидаргонд. Нæ фыдæлтæм дæр ацы бон кусын не’мбæлди.

Кæд Джеоргуыба у ирон бæрæгбон, уæддæр æм хъуамæ æрхонæм немæ хæларæй чи цæры, уыцы иннæ адæмты минæвæртты дæр. Сыхбæсты, хъæубæсты мидæг хъуамæ кæрæдзийы дихтæ ма кæнæм. Скæнæм æппæтадæмон, иугæнæн бæрæгбон.

Иннæмæй та, ацы бæрæгбон хъуамæ айдагъ фынджы уæлхъус ма ацæуа. Нæ фыдæлты Фарн æмæ зондахастæй спайда кæнæм. Хъуамæ нæ рæзгæ фæсивæд уыцы бон рох ма уой. Уыдон сты нæ фидæны бæлццæттæ, Фыдыбæстæ хъахъæнджытæ, Ирыстонæн кад æмæ намыс хæсджытæ, нæ цард аразджытæ. Кæд нæ фыдæлтæм æртæазыдзыд лæппу лæджы бындзæфхадыл нымад уыди, уæд абон дæр нæ кæстæртæм хъуамæ уыцы цæстæй кæсæм, ахуыр сæ кæнæм Æгъдауыл, ирон лæджы дæсныйæдтыл, царды зындзинæдты сæрты фидарæй хизыныл.

Уый фæдыл сидын нæ куырыхон уынаффæгæнæг хистæртæм. Уæ хорзæхæй, æрбаввахс кæнут уæ сыхбæстæты кæстæрты уæхимæ, таут сыл нæ фыдæлты Фарн. Дардæй кæсгæйæ дзы нæ фæхъæстæ уыдзысты. Арвитæм ацы бон æцæг бæрæгбоны хуызæн: саразæм кæстæртæн ерыстæ, ирон хъæзтытæ, хъастизæртæ. Æнæмæнг нæм хъæппæрисджын сылгоймæгтæ дæр фæкæсдзысты бацæттæ кæнынмæ. Фæлæ алцыдæр у аразгæ кæртыты хистæртæй. Уæ хорзæхæй равдисут уæ лæгдзинад. Сыхбæстæйы фæсивæдæн кармæ гæсгæ ис саразæн мæнæ ахæм ерыстæ:

– Къордтæй бæндæн хаххы сæрты ивазын.

– Дыууæйæ ивазæнтæй ерыс кæнын.

– Уæзтæ исын (16 кг., галиу æмæ рахиз къухæй).

– Армæйхæст.

– Фатæй æхсын.

– Нæуыл дур (кæнæ æфсæйнаг къори) æппарын.

Ацы номхыгъдмæ ма бафтауæн ис бирæ æндæр ерыстæ, сыхы цæрджытæн сæхи уынаффæмæ гæсгæ. Ерысты чи фæуæлахиз уа, уыдонæн скæнын хъæуы исты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уымæн бирæ æхца нæ бахъæудзæн, æмæ амалхъом цæрджытæ сæхи номæй фæсивæдæн фæйнæ чысылы куы схардз кæной, уæд сын адæмы Фарн æнæмæнг дарддæр æххуысгæнæг уыдзæн. Хорз уыдзæн, хистæртæ уыдонæн æмæ ерысты уæлахиздзаутæн фынджы уæлхъус дæр сæрмагондæй куы раарфæ кæной, уæд.

Æнæмæнг спортивон ерыстæй уæлдай алы кæрты дæр фæсивæдæн хъæуы саразын хъазтизæр. Фæндырдзæгъдджытæ нæм абон бирæ ис, куынæ уа уæд та нырыккон электрон фæрæзтæй дæр ис спайда кæнæн. Цы ис хуыздæр уыцы бон алы кæртæй дæр ирон цагъд æмæ зарæг куы хъуысой, уæд.

Фынджы уæлхъус хистæртæ æнæмæнг бафæдзæхсæд Уастырджийыл, ныртæккæ йæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд карз тох чи кæны, уыдоны. Уастырджи сæ йæ рахиз базыры бын  бакæнæд æмæ сæ фыдбылызæй бахъахъхъæнæд! Сæ бинонтæм сæрæгасæй уæлахизимæ куыд ссæуой, уыцы амонд сын балæвар кæнæд!

Уæдæ нæ рох ма уæд, ахæм бæрæгбонмæ хи цæттæ кæнын кæй хъæуы, уый дæр. Хуыцау æмæ Уастырджи хуыздæр уый куывдтæ айсдзысты, уды æмæ буары сыгъдæгæй чи сæмбæла бæрæгбоныл. Уымæн æмбæлы 3-5 боны ком адарын дæр. Дæ хæдзар уый размæ бырынкъджыны æмæ маргъы фыдæй ссыгъдæг кæн æмæ сæм мауал бавнал.  Уыцы бонты ма кæн æфхæрæн, хъæр кæнæ æнæфсарм ныхас, ма нуаз карз нозт, фæхæц дæ монцтыл æмæ бæрæгбон цы не’мбæлы, уыцы фæндтыл. Дæ алы ныхас æмæ ми хъуамæ уой Хуыцауæн æхцон. Ахæм цæстæй кастысты кувынмæ æмæ сæхи афтæ цæттæ кодтой стыр бæрæгбæттæм сæдæ азы размæ дæр ма нæ кадджын æмæ фæрнджын фыдæлтæ. Уыцы бæрæгбæттæн сæ сакралон, монон мидис куы раздахиккам, куы бамбариккам бæрæгбоны фынг хорз бануазын æмæ бахæрынæн кæй нæу, фæлæ сыгъдæгæй Хуыцау æмæ Уастырджимæ скувынæн, уæд ныл уый фæзынид хуыздæрæрдæм.

Уæ хорзæхæй, бахизæм нæхи фыднозт æмæ фыдхæрдæй, æнæгъдаудзинадæй. Нæ фыдæлтæм уыдон уыдысты худинаг. Хуыцау æмæ Уастырджимæ кувут бæгæныйæ, незамантæй нырмæ уымæй кадджындæр нозт нæ уыди ирон адæммæ. Карз нозтæй зонæм бæрц, ма дзы хатæм тыххæй кæрæдзимæ, ма æфтауæм нæхи кæстæрты цæсты. Хистæр йæхæдæг æгъдаухæссæг æмæ æгъдауæвдисæг куынæ уа, уæд æм кæстæр никуы байхъусдзæн, бон изæрмæ йын раст ныхæстæ куы дзура, уæддæр.

Бирæтæ фæндæгтыл цæуæг сты хæдтулгæ машинæты, æмæ иу бæрæгбоны къуыри æгъдауы мидæг аназын кæй зæрды уа, уый йæ хæдтулгæ хæдзары ныууадзæд. Ис бирæ такситæ, ис гæнæн, чи нæ нуазы, ахæм зонгæ кæнæ хæлар дæ баласа хæдзармæ. Ма сфæнд кæн нозтджынæй машинæ скъæрын, ма бафтау фыдбылызы дæхи дæр æмæ искæйы дæр. Куыд фæхъуыды кæнæм, уымæй нæм æмхицдæр у. Барадхъæхъхъæнджытæй курын, цæмæй уыцы бонты расыггæнджыты зæрдæхудтæй æппындæр ма тæрсой, сæ куыст куыд æмбæлы, афтæ кæной.

Уæ хорзæхæй, балæггад кæнæм нæ кæстæртæн, раздæхæм сын се’ргом нæ фыдæлты æвидийгæ Фарн æмæ Æгъдаумæ! Уымæй cуыдзысты тыхджындæр, ныфсджындæр æмæ царды мидæг æнтыстджындæр.

Уастырджийы хорзæх уæ уæд! Нæ фæсивæд йе уазæг!

Кучиты Руслан