Цæгат Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Урсы къуыри кæнæ Цæрвкъахæнтæ.
Раздæр-иу æфсинтæ бæрæгбонмæ рагагъоммæ бацахстой цыхтытæ, скодтой царв. Къустæ æмæ æндæр хæдзары дзаумæттæ ныхсадтой, цæмæй сыл сойы, стæй дзидзайы фæд мауал баззайа, уый тыххæй.
Афтæ, Урсы къуыри дзидза æмæ дзидзайæ конд хæринаг хæрæн нал уыд. Къуырисæры адæм дардтой мархо, æхсæвæрæн та иу сцæттæ кодтой мисын, чъиритæ æмæ урсагæй конд хæринæгтæ. Фæззæджы Цæрвхæрæнтæм цы царв сæвæрдтой, уый-иу систой. Уымæй-иу фыццаг бахæрынæн авæрдтой бинонты кæстæрæн.
Цæрвкъахæнты къуыри куы ахицæн вæййы, уæд къуырисæры райдайы Комбæттæн.
*Æрмæг цæттæ кæнгæйæ пайда кодтам Агънаты Гæстæны чиныг «Ирон æгъдæуттæ»-й