Цыппар азы размæ, 2018 азы 22 ноябры, йæ цардæй ахицæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан. Уый æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн зæхх æмæ дунеон ерысты сæрыстырæй хъахъхъæдта йæ Фыдыбæстæйы спортивон кад.
1976 азы Андиаты Сослан Канадæйы горæт Монреалы рамбылдта Олимпаг хъæзтыты сызгъæрин майдан æмæ ирон богæлттæн йæ къах фæбæззыд, фæндаг сын айгæрста Олимпы бæрзæндтæм.
Уымæй уæлдай, Андиаты Сослан куыста Цæгат Ирыстоны закъондæттæг оргæны, уыд парламенты цыппæрæм, фæндзæм æмæ æхсæзæм æвзæрстыты депутат.
Дзæуджыхъæуыккаг «Алани» Уæрæсейы Уæлдæр лигæйы æнтыстджынæй куы архайдта, уæд та уыд клубы президент.
Андиаты Сослан кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр цæры йæ бинонты, чи йæ уарзта, уыцы адæмы æмæ спортуарзджыты зæрдæты.
Уымæн æвдисæн сты æрвылаз Дзæуджыхъæуы йæ рухс ном арынæн цы æппæтуæрæсеон ерыстæ саразынц, уыдон.
Уымæй уæлдай ма, ноябры Дзæуджыхъæуы Карл Марксы уынджы Андиаты Сослан кæм цард, уыцы хæдзары къулыл, байгом йæ номарæн фæйнæг.
Андиаты Сосланы адæм сæ зæрдыл бадардтой фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæйы хицауæй.
Комментарии