100 азы размæ йæ цардæй ахицæн Хъаныхъуаты Темырболат. Æмбисонды богал-уæйыджы мысгæйæ

Поделиться:

100 азы размæ йæ цардæй ахицæн æмбисонды богал-уæйыг, XX æнусы цирчы хæцæг-профессионал Хъаныхъуаты Темырболат (Бола) фæсномыгæй «Хъазыбег-хох». Уый райгуырд Хъобаны хъæуы. Хайджын уыд æвæджиауы æрдзон физикон тыхæй. Йæ чысылæй фæстæмæ бирæ куыста. Куы ралæг, уæд йæ ас уыд 228 см, йæ уæз та – 220 кг. Хæрз æрыгонæй райдыдта архайын хъæбысхæстæй ерысты. Уæд уыдон цыдысты цирчы. Йæ адæмы æфсармы уæды уагæвæрдтыл æнувыд уæвгæйæ, уый никуы рахызт аренæмæ æнæ дарæсæй.

Тагъд рæстæджы сси зындгонд хъæбысæйхæцæг, бахауд Уæрæсейы тыхджындæрты хыгъдмæ, уыд цалдæр æхсæнадæмон цирчы чемпионатты уæлахиздзау, куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæнты дæр.

Бола уарзта хæцын партеры. Уый-иу йæ ерысæмбалыл йе `ппæт æртын пуды æруагъта, йæ нуарджын, тасаг къухтæ-иу адæргъ уæвæг ныхмæлæууæджы уæхсчыты бын бакодта, йæ хурхыл-иу сæ баиу кодта æмæ-иу йæ амæттаджы дывæр нельсонæй йæ фæсонтыл авæрдта. Ахæм кульбиты фæстæ-иу Хъазыбег-хохы ерысæмбал йæхимæ тагъд не`рцыд.

Зындгонд дагестайнаг богал Сали-Сулейманы мысинæгтæм гæсгæ, 1908 азы Хъазыбег-хох фæуæлахиз Георг Гагкеншмидтыл, фæуæлахиз уæвын ын бантыст Иван Шемякиныл, Николай Вахтуровыл, сомихаг хъæбысæйхæцæг Мыкыртычевыл, перс Алийыл, японаг Онуйыл æмæ инн. Варшавæйы æмæ Берлины цирчыты фæуæлахиз бирæ хъæбысæйхæцджытыл, уыдоны `хсæн: болгайраг Никола Петров, туркаг хъæбысæйхæцджытæ Шекир Пельван, Ахмед Пельван, Коч-Ахмед, англисаг негр Цыпс, америкаг Бамбула, италиаг Джаморе, даниаг Педерсон æмæ инн.

Хъаныхъуаты Темырболаты ном уæрæх парахатгонд цыд, уагъд цыдысты посты маркæтæ йæ къамтимæ, арæх ыл фыстой газетты, мыхуыр кодтой хыгъдлæвæрдтæ хъæбысæйхæцджыты чемпионатты тыххæй. Фæлæ уæды рæстæджы спортыл æхца бакусын зын уыд, уымæ гæсгæ Бола раздæхт йæ райгуырæн хъæумæ.

Егъау физикон тыхы адæймаг уыд хæдæфсарм, хæларзæрдæ, фæлмæн æмæ æрхъуыдыджын.

Йæ бинонтæ чысыл уыдысты- бинойнаг, чызг æмæ кæнгæ фырт Василий. Уырыссаг лæппу Василийæ Бола йæхицæн лæппу скодта, 2,5 азы йыл куы сæххæст уæд. Бола йæ йæхи чызгæй къаддæр нæ уарзта.

Бола амард 1922 азы æнахуыр мардæй. Уыцы аз уыд мæнæуы тыллæг, æмæ йе `мбæлттимæ Георгиевскмæ ацыд – æхца бакусынмæ. Быдыры сæ тæрккъæвда æрцахста. Се `ппæт дæр мæнгагъуысты бынмæ алыгъдысты, уый иунæгæй баззад быдыры, систа хъæмпы цъына, уымæл зæххыл æрхуыссыд æмæ, цъынайæ æмбæрзтæй, бафынæй. Тæрккъæвдайы фæстæ йæ бон сыстын нал баци, хæдзармæ йæ рынчынæй сластой. Æртæ къуырийы фæсæйгæйæ, уый йæ цардæй ахицæн æмæ ныгæд æрцыд Майскæйы.

1934 азы йæ чызг дæр амард. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Василий архайдта Советон Æфсады рæнхъыты æмæ 1942 азы хъæбатырæй фæмард хæсты быдыры.

Войдите, чтобы оставить комментарий

Введите почту, получите PIN-код и готово!

Код отправлен на {{ authEmail }}

Введите пароль для {{ authEmail }}

{{ authError }}

Запрос на удаление материала

Оставить комментарий

Если публикация нарушает закон, авторские или чужие личные права, подробно опишите проблему. Мы проверим информацию и удалим материал, если факт нарушения подтвердится.

Сообщение успешно отправлено!
{{ errorText }}

Читайте также