13 октябры у уырыссаг советон актрисæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Мария Репина-Раппонеты гуырæн боны 140 азы бон. Уый Дзæуджыхъæумæ цæуын райдыдта, алкæмæн уарзон актрисæ куы сси, уымæй раздæр. Киевы музыкалон-драмон скъолайы фæстæ Мария Репина революцийы размæ гастрольты цыд бæстæйы фæлгæты театралон къордты сконды, Советон хицауады азты та æрбынат кодта Дзæуджыхъæуы фыццаг цыбыр æмгъуыдмæ, уый фæстæ та – цæрæнбонтæм. Дыууын æртæ азы уый арвыста Цæгат Ирыстоны сæйраг сахары Уырыссаг театры сценæйыл. Стыр кад ын кодтой йе `мкусджытæ, бауарзтой йæ театрдзаутæ. Фæстæдæр «Театралон энциклопеди» куыд фыста, афтæмæй «йе сфæлдыстад хицæн кодта фæлмæн, хъарм юморæй, арæх æддаг нывы карздзинадæй».
Тынг æхсызгонæй сæмбæлд Мария Николайы чызг национ ирон театры райгуырдыл Ирыстоны, слымæн ис ирон актертæй бирæтимæ, æххуыс кодта æрыгон курдиæттæн цæстуарзон уынаффæйæ дæр, æнæсцух хъусдардæй дæр.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты, знаг Дзæуджыхъæумæ куы `рбабырста, уæд Репина-Раппонет алы бон дæр архайдта æфсæддон госпиталы цæф хæстонты раз. Уый иунæгæй ивта æнæхъæн труппæ: уымæ, æвæллайгæ кæсæгмæ, цымыдисаг дзурæгмæ кæддæриддæр æнхъæлмæ кастысты бузныггаг хъусджытæ. Аивады райрæзты раз егъау æнтыстыты тыххæй М.Н.Репина-Раппонет хорзæхджынгонд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР адæмон артисткæйы номæй.
1951 азы 7 декабры Мария Николайы чызг ахъазыд йæ фæстаг роль Токаты А. спектакль «Усгурты». Фæлæ, театралон сценæйæ ацæугæйæ, уый йæ зæрдæ нæ аивта сфæлдыстадон уæлмонцыл, уый сси арæх уазæг ногдзауты æмæ скъоладзауты республикон Хæдзары, уым йæ æххæстгонд аргъæуттæм æмæ алæмæты радзырдтæм зæрдиагæй хъуыста фæсивæд.
Мария Репина-Раппонеты архайд сценæйыл æмæ æхсæнадон царды афтæ егъау уыд, æмæ дыууæ хатты æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР Сæйраг Советы депутатæй. Уымæй уæлдай хорзæхджынгонд æрцыд «Кады нысан»-ы орденæй, йе `нтыстытæ йын цалдæр хатты фæбæрæг кодта УСФСР Сæйраг Советы Президиум, сæйрагдæр та, ныууагъта ирд фæд Ирыстоны театралон азфысты.