«Иры Стыр Ныхас»-ы абон ацыд къамисы ӕмбырд. Йӕ куысты нысан у, нӕ ӕхсӕнадон змӕлд цы уставы бындурыл кусы, уымӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссын.
Къамисы сӕрдар Кучиты Русланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, царды бирӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд ӕмӕ хъуамӕ устав рӕстӕджы домӕнтӕн дзуапп дӕтта. Зӕгъӕм, Координацион совет ӕмӕ змӕлды иннӕ бӕрнон оргӕнтӕ хъуамæ сӕ куысты дзуаппдӕттон конференцитӕ аразой ӕртӕ азы мидӕг иу хатт, ныр та сын лӕвӕрд цӕуы фондз азы. Иннӕ фӕндон та уыд, цæмæй уставы фыст ӕрцӕуа мыггӕгты советы тыххӕй пункт хицӕнӕй, мыггӕгты минӕвӕрттӕ та бацӕуой Ныхасы кусӕг оргӕнтӕм. Уыцы хъуыдыимӕ къамисы иннӕ уӕнгтӕ не сразы сты, уымӕн ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ис 2500 мыггаджы, Хуссар Ирыстоны та 250 ӕмӕ уыцы мыггӕгтӕй алкӕйдӕр хицӕнӕй куы бафӕнда змӕлдмӕ бацӕуын, уӕд дзы цы рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Иры Стыр Ныхасмӕ цы адӕймӕгтӕ бацыд, уыдонӕй алчидӕр у мыггаджы минӕвар. Кучиты Руслан ма йӕ ргом раздӕхта, зӕгъӕм, пандемияйы рӕстӕг цардӕй чи ахицӕн, уыцы хистӕрты бӕсты ног адӕймӕгты бакӕнӕн кӕй нӕ ис ӕнӕ съезды уынаффӕйӕ, уыцы фарстамӕ дӕр. Уый та куыст къуылымпы кӕны.
«Уӕдӕ, нӕ фыдӕлтӕм никуы уыд сусӕгӕй хъӕлӕс кӕныны фӕтк, фӕсвӕд ныхӕстӕ кӕнын, сӕ хъуыдытӕ дзырдтой комкоммӕ ӕмӕ ӕргомӕй. Хорз уаид ӕмӕ мах дӕр уыцы фӕтк уставы куы ныффидар кӕниккам, куыд нӕ дзы уа фӕсаууонмӕ хъӕлӕс кӕныны бар, уӕд уый», – загъта Кучиты Руслан.
Республикӕйы раздӕры Конституцион тӕрхондоны разамонӕг ӕмӕ зындгонд юрист Хъесаты Станиславы хъуыдымӕ гӕсгӕ уставмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссын хъӕуы арӕхстгай, цӕмӕй ацы змӕлд йӕ ӕппӕтдунеон статус ма фесафа.
«Абон мах хъуамӕ ӕмбарӕм, «Иры Стыр Ныхас»-ӕн хьуамӕ юридикон ӕгъдауӕй бахъахъхъӕнӕм йӕ ӕппӕтдунеон статус ӕви куыд ирӕтты этносы ӕппӕтдунеон организаци», – бафиппайдта Хъесайы фырт.
«Иры Стыр Ныхас»-мӕ хъуамӕ бацӕуой ӕмзонд адӕмтӕ, – загъта Хъоцыты Алвери, Хуссар Ирыстоны Ныхасы хайады уӕнг. Хуссар Ирыстоны абон архайы «Иры Стыр Ныхас»-ы хайад, мах уыцы статусимӕ разы не стӕм ӕмӕ нӕм ис фӕндон, цӕмӕй саразӕм Хуссар Ирыстоны «Стыр Ныхас»-ы организаци хицӕн уставимӕ. Йӕ хъуыдытӕ загъта змӕлды структурӕйы тыххӕй дӕр.
Къамисы уӕнг Цомайты Эльбрус радта фарст, цавӕр ивддзинӕдтӕ хъӕуы бахӕссын уставмӕ, кӕнӕ куыстмӕ, цӕмӕй змӕлды ӕмвӕзад бӕрзонддӕр уа, цӕмӕй хицауады хсӕн нӕ уынаффӕтӕ нымад цӕуой ӕмӕ иумӕ кусӕм нӕ ӕхсӕнады риссагдӕр фарстатыл.
Къамисы куыст дарддӕр ахӕццӕ уыдзӕн хӕстӕгдӕр рӕстӕг.