Фæстаг рæстæг сарӕх сты цæстфæлдахджыты фæлитой митæ. Фыдгæнджытæ сæхи Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады экономикон æдасдзинады управленийы кусджытæ схонгæйæ, телефонæй дзурынц амалхъом адæммæ æмæ сын бæлвырд кæнынц сæ финансон-хæдзарадон бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Фӕстӕдӕр сын фехъусын кӕнынц, сӕ куыстуаты банчы реквизиттæ æмæ адрис кӕдӕм хъуамӕ фехъусын кӕной, ахӕм сайтмӕ ӕрвитӕн. Уый аххосӕй сын цӕстфӕлдахджытӕ се ‘хца расайынц.
Мидхъуыддæгты министрад сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй æнæзонгæ адæймаджы амындмæ гæсгæ, банчы картæимӕ ма кусой! Кæд, ӕмӕ уыл сайд æрцыд, уæд та, æнæмæнг, хъæуы пъæлицæйы кусджытæн фехъусын кæнын.
Барады кусджытӕ уын уӕ курдиатмæ се ‘ргом куы нæ аздахой, уæд та уӕ бадзурын хъӕуы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддæгты министрады æууæнчы телефонмæ:
Фæдзай фараст –цыппор æхсæз – нæуæдз фараст.
Мидхъуыддæгты министрад сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй уой къæрцхъусдæр æмæ цæстфæлдахæн митæй сæхи хъахъхъæной.