Цæгат Ирыстоны Алайнаг гимназ абоны бон цы проекты фæлгæты кусы, уый у нæ ахуырадон уагдæтты ирон æвзаг хæрзхъæд æмвæзадыл амонынæн ахъаззаг фæрæз. Ахæм хъуыды Дзæуджыхъæуы пресс-конференцийы раргом кодта республикæйы ахуырад æмæ зонады министр Алибекты Эллæ.
«Ирон æвзаг скъолаты ахуыр кæныны фарст рагон у, абоны бон дæр йæ тыхы ис. Алайнаг гимназ йæ куыст цы проекты фæлгæты æххæст кæны, уый тынг ахъаззаг у. Трансляци кæнын æй хъæуы республикæйы алы районы. Мониторингтæ арæх уыдысты. Куыд равдыстой, афтæмæй, сывæллон райдиан скъолайы цалдæр предметы ирон æвзагыл кæй ахуыр кæны, уый хæрзхъæд ахуырад райсыны хъуыддаджы ницæмæй хъыгдары, кæмдæр та ахъаз у ахуыры хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн. Алайнаг гимназы проект хуыйны «Полилингвалон ахуырад», æххæстæй проекты хуызы йæ тыхы бацыд 2017-2018 ахуыры азы», – загъта уый.
Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй амынд проект у сæйрагдæр проекттæй иу, ахъаз у нæ ахуырадон уагдæтты ирон æвзаг хæрзхъæд æмвæзадыл амонынæн.
«Йæ райрæзтыл ын архайынвæнд кодтам, ныртæккæ фембæлдыстæм эксперттимæ, ахуыргæндтимæ, полилингвалон ахуырадыл кусджытимæ æмæ рабæрæг кодтам дарддæры фæндаг. Фæлæ, иумæйагæй ирон æвзаг ахуыр кæныныл дзургæйæ, фæбæрæг кæнын хъæуы ноджы иу ахсджиаг фарст – ахуыргæнæн чингуытæ – азæй азмæ зынæй зындæр кæнынц. Ацы хъуыддагыл нырма ныхас кæндзыстæм экспертон æхсæнадимæ – ахуыргæнæн чингуытæ бынтон хуымæтæг кæнæн дæр нæй. Фарст ахсджиаг у, йæ алыг кæныныл архайы национ ахуырады комитет, Сергей Меняйло та бахæс кодта программæ фæхуыздæр кæнын. Ацы къабазыл архайдзыстæм», – бахахх кодта Алибекты Эллæ.
Министры ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ фаг ис.
«Сæйрагдæр у, цæмæй ахуыргæнджытæ сывæллæтты ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ разæнгард кæной. Программæтæ хъуамæ уой алывæрсыг, æмæ дзы ирон æвзаджы уроктæй уæлдай, хъуамæ уа алыхуызон мадзæлттæ. Амынд куыст æххæстгонд цæудзæн ахуырад æмæ зонады министрады архайдæй», – хатдзæг скодта министр.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Алайнаг гимназ у, ирон æвзаг бындурон æгъдауæй кæм ахуыр кæнынц, ахæм уагдон. Скъола йæ фыццаг ахуырдзауты суазæг кодта 2017 азы. Ахуырадон уагдон арæзт æрцыд республикæйы экс-разамонæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Ахуырдзаутæн гимназы ис сфæлдыстадон æмæ предметон студиты архайыны фадат. Уыцы студитæ сты алыхуызон: литературон, музыкалон, шахматты, хореографион, театралон æ.а.д.