Цæгат Ирыстоны ахицæн республикæйы композиторты Цæдисы хыгъдон-æвзарæн æмбырд. Мадзалы хатдзæгтæм гæсгæ регионы композиторты цæдисы сæргъы ногæй æрлæууыд Макъоты Ацæмæз.
«Композиторты цæдис кæддæриддæр уыд нæ паддзахады райрæзты историйы сæйраг бындур. Йæ хъæппæрисæй Ирыстоны алы азты фæзындысты музыкалон скъолатæ, училищетæ, филармонитæ, музыкалон театр æмæ симфонион оркестр. Мæ сæйраг хæсыл нымайын композиторты Хæдзары агъуыст бындурон хуызы сцалцæг кæнын, стæй ма ирон композиторты бынтæ парахат кæнын», – загъта Макъоты Ацæмæз.