Уастырджийы кувæн къуыри æрцæуы

2021-11-17 16:02:06
Уастырджийы кувæн къуыри æрцæуы

Æрхæццæ кæны нæ кадджын стыр бæрæгбонУастырджийы кувæн къуыри (Джеоргуыба).

Æгъдаумæ гæсгæ куыд баззад, стæй республикæйы Парламент æмæ Сæргълæууæг æртæ азы размæ цы Уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ бæрæгбон хъуамæ æрцæуа Джеоргуыбайы (ноябыры) мæйы фæстагæххæст къуыримæ. Уый хæдразмæ вæййы Галæргæвдæн Хуыцаубон. Нывонд галтæ æмæ уæнгуытæ кæмæ вæййы, уыдон сæ уыцы бон кусарт акæнынц. Къуырисæры та алы бинонтæ дæр се ‘ртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ, сæхи сыл бафæдзæхсынц.

Цæмæй уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ адæм тагъд-тагъдæй ма цæттæ кæной, цæмæй алы бинонтæн дæр уа фаг фадат æмæ рæстæг иумæ æрбамбырдуæвынæн, уый тыххæй уæлдæр цы паддзахадон Уынаффæйы кой скодтон, уымæ гæсгæ Республикæ Цæгат Ирыстоны ацы бæрæгбæтты райдайæн, Къуырисæр (22.11.2021), у нымад æнæкусгæ улæфты боныл. Кæд искæцы хицауæй уый ферох уа, уæд ын иу æй æрхъуыды кæнут.

Бæрæгбон бæрæгбоны хуызæн хъуамæ уа. Фæлæ æнæ зæгъгæ нæй иу цалдæр зæрдылдарæн фиппаинаджы.

Фыццаджыдæр
нæ хъуамæ рох ма уа, ацы бæрæгбон æрмæст хæрын æмæ нуазынæн, стæй айдагъ ас лæгтæн кæй нæуÆппæтадæмонбæрæгбон у. Ма нæ байрох уæнт кæстæртæ, сабитæ. Алчидæр хъуамæ йæхи бацæттæ кæна, сæмбæла йыл сыгъдæгæй, хорз зонд, рухс фæндтимæ.

Раст уыдзæн иу цалдæр боны ком бадарын дæр. Тынг ахсджиаг у, æртæ кæрдзыны чи скувдзæн, уый снысан кæнын. Зонут æй, зæрдæйæ, удыхъæдæй, буарæй чъизи адæймаджы куывд Хуыцаумæ нæ хъуысы, цыфæнды дзырдарæхст куы уа, уæддæр.

Хъуамæ кувæм сыгъдæгзæрдæйæ, стæй цымбæлы, уыцы хойраг æмæ нозтæй. Хæдзары конд уæливыхтæ, нывонд кусæрттаджы хæйттæ æмæ ирон бæгæны хъуамæ уой нæ кувинæгтæ.  Ма кувут Хуыцаумæ карз нозтæй, дуканиты æлхæд чъиритæ æмæ фæрсчытæй. Уыцы куывд бынатыл нæ сæмбæлдзæн, бон изæрмæ рæсугъд ныхæстæ куы фæкæнат, уæддæр. Уæливыхтæ скæнынæн хæдзары æфсин кæмæ нæй, уый фæлтау йæ хионæн, кæнæ йæ сыхагæн балæгъстæ кæнæд.

Горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты фылдæрæн сæ бон кусарт акæнын нæу. Æмæ уæд айдагъ æртæ кæрдзынæй æмæ бæгæныйæ скувын растдæр уыдзæн, æлхæд фыдызгъæл та æрæвæр кувинагæн нæ, фæлæ æнæуи хæринагæн, фынджы бæркадæн.

Бæрæгбоны фынгыл ма æрæвæрут маргъы æмæ бырынкъджыны фыдæй конд хæринæгтæ. Уыдонæн сæ тæф дæр хъуамæ кувинæгтæм ма фæхæццæ уа, кæннод уæ куывд фæдзæгъæлы уыдзæн.

Уастырджийы кувæн къуыри у æппæт ирон адæмы бæрæгбон. Немæ зæрдиагæй фæкувынц, фæбадынц, фæцин кæнынц иннæ адæмты минæвæрттæ дæр. Адæм кæрæдзийы хонынц, кæнынц сыхты, хъæуты куывдтæ. Афтæ баззади фыдæлтæй.  Фæлæ нын, хъыгагæн, ныры рæстæджы домæнтæ æрбалхъывтой нæ уавæртæ. Æгъатыр рын апарахат, исы нын нæ адæмы хуыздæрты сæдæгæйттæй.

Æмæ иу кæд, нæ фыдæлтæ хæсты рæстæг сæ царды домæнтæ, сæ фæндтæ дзæвгар æрбалвæстой, уæд ныл абон дæр хуыздæр заман не скодта.  Нæ уарзон адæмы æнæниздзинад æмæ цард хъуамæ сæвæрæм æппæтæй бæрзонддæр. Нæй нын бар ацы æвирхъау рæстæг хъал, æнæрхъуыды митæ кæнын. Алчидæр хъуамæ хъахъхъæна йæхи æмæ йæ алыварс адæмы.

Уæ хорзæхæй, ма скæнæм, бирæ адæм иумæ кæм æрбадынц, ахæм стыр куывдтæ, ма сæвæрæм нæхионты, нæ сыхæгты, не’мкусджыты тассаг бынаты. Хуыцауæн æмæ Уастырджийæн нæу уæлдай æртæ лæджы скувой иумæ æви æртын. Сæйрагдæр сты, уæлдæр цы домæнтæ ныффыстон, уыдон.  

Уастырджийы хорзæх уæд алкæйы дæр æмæ уыл бæрæгбон дзæбæхæй сæмбæлæд!

 

 

Последние новости

17.11.2021
«Сферум» удвоил количество пользователей
17.11.2021
В Северной Осетии сигаретный контрабандист отправился на скамью подсудимых
17.11.2021
Наставник «Кванториума-15» участвует в финале всероссийского конкурса «Сердце отдаю детям»
17.11.2021
В Северной Осетии полицейские передали в суд дело грабителя семейных реликвий
17.11.2021
Санатории Северной Осетии в числе самых бюджетных для отдыха в новогодние праздники
17.11.2021
Суд вынес обвинительный приговор сотруднице управления соцзащиты Кировского района, присвоившей деньги льготников
17.11.2021
Стартовал XI конкурс региональных журналистов и блогеров «Вместе в цифровое будущее»
17.11.2021
Еще 11 жителей Северной Осетии стали жертвами COVID-19