4-5 ноябры Улан-Баторы (Монголийы) æххæстгонд æрцæудзысты бæрæгбойнон мадзæлттæ Уæрæсейы æмæ Монголийы ‘хсæн дипломатон æмахастыты 100 азы боны номыл. Архайдзысты дзы Уæрæсейы æмæ Монголийы раззагдæр коллективтæ, уыдонимæ адæмты Хæлардзинады Ордены паддзахадон академион кафты ансамбль «Алан».
«Уæрæсейаг-Монголиаг æмахастытæ æнцайынц дыууæфарсон æмархайды бирæазон историйыл æмæ сын ис æппæтвæрсыг удыхъæд. Ацы хъуыддаджы тынг ахсджиаг сты Цæгат Ирыстон æмæ Монголийы ‘хсæн хæлар æмахастытæ. Уæрæсейы æмæ Монголийы адæмы хæлардзинады уазнысан йæ удæгасæй сси номдзыд хæстон раздзог, æфсады инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр æмæ Монголийы Хъæбатыр, Ирыстонæй рацæугæ Плиты Иссæ. Дыууæ бæстæйы хæлардзинады æмæ хъуыддагон бастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддагмæ егъау æвæрæн бахаста нæ иннæ æмбæстагон – зындгонд советон паддзахадон æмæ партион архайæг Хъæбæлоты Билар, уый фондз азы дæргъы уыд ССРЦ-ы Генералон консул Монголийы», – фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус.
Æмархайды дарддæры рæзты тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы барлæвæрдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус бахауд официалон уæрæсейаг минæварады скондмæ, амынд минæварад æрхæццæ Улан-Батормæ дыууæ паддзахадæн дæр ахадгæ бон бæрæг кæнынимæ баст мадзæлтты бацархайыны тыххæй.
Комментарии