Абон Ирыстоны мысынц Хуыбылты Валерийы, уый трагикон хуызы фæмард 23 азы размæ. “15-æм Регион” зæрдыл æрлæууын кæндзæн уыцы зæрдæмарæн цаутæ, сæйрагдæр та, цавæр адæймаг уыд, уый.
Уый уыд 31 майы, дзæуджыхъæуккаг базар «Алан»-ы раз Хуыбылты Валерийы «Мерседес»-ы цур хæдтулгæ ВАЗ-2107 куы æрурæдта, æмæ йæ дыууæ æнæбæрæг адæймаджы автоматон хæцæнгарзæй æхсын куы райдыдтой. «Мерседес» куы баурæдта, уæд ма марджытæ фæйнæ рады рауагътой, бынатæй иу километры бæрц ауадысты æмæ сæ хæдтулгæ дзæуджыхъæуккаг скъолатæй иуы кæрты срæмыгътой. Уый фæстæ æндæр хæдтулгæйы бабадтысты æмæ фæтары сты.
Цæгат Ирыстоны Прокуратурæйы нымадæй, фыдракæнд æххæстгонд æрцыд бæрзонд профессионалон æмвæзадыл, архайдтой профессионалон марджытæ.
Хуыбылты Валерий хæрз æвзонгæй уыд Ирыстоны æцæг хъæбатыр. Гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонтæй фæстæмæ уый уыд хæстон архайды разæнгард архайæг, равдыста лæгдзинад, æхсар æмæ хъæбатырдзинад.
Йæ цыбыр царды дæргъы Хуыбылты Валерий – хуымæтæг цхинвайлаг лæппу – сси æппæт Кавказы зынгæ политикон æмæ хæстон архайæг, уый цавæрфæнды быцæу дæр иуварс кодта сабырæй. Йæ архайдæй сæрибаргонд цыдысты уацайрæгтæ, иуварсгонд цыдысты конфликтон уавæртæ.
Комментарии